30 Фӕлӕ зонгӕ-зонын куы бакӕна тӕригъӕд ми адӕймаг, уӕд, бынӕттон цӕрӕг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый уымӕй Дунедарӕджы ӕфхӕры, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».
ӕмӕ ӕнаккӕгтӕн сӕ рухс ахуысса, сӕ къух цӕвынӕввонгӕй саст ӕрцӕуа?
Денджызы онг айтыгъта йӕ къабӕзтӕ, Евфраты доны онг — йӕ талатӕ.
Барӕй, йӕ фыр налатӕй, чи амара искӕй, уый та амарын хъӕуы, Мӕ нывондхӕссӕны цур йӕ сӕр куы бафснайа, уӕддӕр.
Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн, адӕймаджы фырт: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ ма Мӕ ноджыдӕр куыд ӕфхӕрдтой уӕ фыдӕлтӕ, гадзрахатӕй-иу Мыл рацыдысты.
Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр.
Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.
Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.
Иу уагӕвӕрд уӕм хъуамӕ уа, чи фӕрӕдийа, уыдонӕн: израилаг бынӕттон цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕн дӕр.
Сыгъдӕг чи у, фӕндагыл чи нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд чи не ’рхаста, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн йӕ афоныл нывонд не ’рхаста; тӕригъӕды азар баййафдзӕн уыцы адӕймаджы.
Исчи Адӕймаджы Фырты куы рафауа, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕни нӕдӕр ацы, нӕдӕр фидӕны дунейы.
Ӕз уын дзырдтон, фӕлӕ нӕ байхъуыстат. Дунедарӕджы фӕндоны сӕрты ахызтыстут ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст стут.
фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты. Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, уый дам сын Дунедарӕг нӕ, фӕлӕ мах бакодтам афтӕ.
Кӕд ӕмӕ, ӕцӕгад базонгӕйӕ, уӕддӕр тӕригъӕды цӕуӕм, уӕд уыцы тӕригъӕдтӕн ныр ницавӕр нывондӕй уыдзӕн ссыгъдӕг кӕнӕн,
уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?
уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц.
Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.
Адӕймаг адӕймаджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд ын, чи зоны, ӕмӕ Хуыцау ныххатыр кӕна, фӕлӕ адӕймаг Дунедарӕджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд та йын чи ныххатыр кӕндзӕн?» Фӕлӕ фырттӕ сӕ фыды уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ралгъыста.
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ард бахордтон, Елиайы хӕдзарвӕндаджы тӕригъӕдтӕ барст кӕй никуы ӕрцӕудзысты — нӕдӕр нывӕндтӕ, нӕдӕр хуынты фӕрцы».