Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 15:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 15:24
14 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕт израилӕгты тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхастой сӕдӕ галы, дыууӕсӕдӕ фысы, цыппарсӕдӕ уӕрыччы. Дыууадӕс нӕл сӕгъы та — Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ.


Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон ӕппӕт израилӕгты номӕй Израилы Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой: галтӕ — дыууадӕс, фыстӕ — нӕуӕдз ӕхсӕз, уӕрыччытӕ — авдсӕдӕ авд, тӕригъӕды нывондӕн — дыууадӕс нӕл сӕгъы.


Ноджы ма-иу тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссут цӕу, дыууӕ фыргуисты та — фидыды нывондӕн.


цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Исчи Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна,


Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа


ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат цӕу.


«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йын йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд — фиддоны нывондӕн. Сауджын уыцы адӕймаджы тыххӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, ӕнӕрхъуыдыйӕ цы сарӕзта, уый йын уыдзӕни барст.


Моисейӕн уын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй исты, уӕд уын мӕнӕ афтӕ кӕнын ӕмбӕлы (Дунедарӕг ацы бардзырд куы радта, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр, фыдӕй-фыртмӕ).


Хатыр уыдзӕн ӕппӕт израилӕгты дзыллӕйӕн ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕбары ӕруагътой рӕдыд ӕппӕт адӕм.


Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan