Нымӕцтӕ 15:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст16 Иу ӕгъдау ӕмӕ иу уагӕвӕрд ис сымахӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ногӕрлидзджытӕн дӕр». Faic an caibideil |
Адӕм иууылдӕр — бындурон цӕрӕг израилӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ Израилы хистӕртимӕ, чапартимӕ, тӕрхонгӕнджытимӕ — лӕууыдысты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны фӕйнӕфарс, Левийы байзӕддӕгты, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынты акомкоммӕ. Адӕмы иу ӕмбис лӕууыди Геризимы хохы фахсыл, иннӕ ӕмбис та — Эвалы хохы фахсыл. Израилы адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕнын бафӕдзӕхста йӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей.