Нымӕцтӕ 15:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст15 Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ. Faic an caibideil |
Адӕм иууылдӕр — бындурон цӕрӕг израилӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ Израилы хистӕртимӕ, чапартимӕ, тӕрхонгӕнджытимӕ — лӕууыдысты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны фӕйнӕфарс, Левийы байзӕддӕгты, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынты акомкоммӕ. Адӕмы иу ӕмбис лӕууыди Геризимы хохы фахсыл, иннӕ ӕмбис та — Эвалы хохы фахсыл. Израилы адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕнын бафӕдзӕхста йӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей.