Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 15:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕрцӕуӕггаг исчи уе ’хсӕн кӕнӕ уӕ байзӕддӕгты ’хсӕн куы цӕра ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд ӕрхӕссын куы бафӕнда, уӕд уый дӕр хъуамӕ алцыдӕр, сымах куыд кӕнут, афтӕ бакӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 15:14
5 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ Дын фехъуыста Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы кой — ӕмӕ Дӕм, Дӕ Кувӕндонмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы скува,


«Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн: Израилы адӕмӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи сомыйы фӕдыл кӕнӕ барвӕндӕй Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса,


Ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр ма райсут ахӕм фос уӕ Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕн. Сахъат кӕй сты ӕмӕ сӕм аиппытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ барст нӕ уыдзысты».


Алы бынӕттон цӕрӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕна, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд куы хӕсса, уӕд.


Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan