13 Алы бынӕттон цӕрӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕна, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд куы хӕсса, уӕд.
Цал нывонды ӕрхӕссат, уал хъуамӕ уа семӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ сӕн дӕр.
Ӕрцӕуӕггаг исчи уе ’хсӕн кӕнӕ уӕ байзӕддӕгты ’хсӕн куы цӕра ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд ӕрхӕссын куы бафӕнда, уӕд уый дӕр хъуамӕ алцыдӕр, сымах куыд кӕнут, афтӕ бакӕна.