12 Цал нывонды ӕрхӕссат, уал хъуамӕ уа семӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ сӕн дӕр.
Афтӕ кӕнын уын ӕмбӕлы кӕддӕриддӕр, нывондӕн куы хӕссат гал кӕнӕ фыр, уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк.
Алы бынӕттон цӕрӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕна, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд куы хӕсса, уӕд.