7 ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн загътой: «Мах бӕрӕггӕнӕг цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый тынг бӕллиццаг у!
Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.
Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».
Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм
Зӕххы тыллӕгӕй сӕ къухты райстой, ӕрбахастой нын дзы ӕмӕ загътой: „Ӕвӕджиауы бӕстӕ аккаг кӕны махӕн Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!“
Уыдон дзуапп радтой: «Цомут ӕмӕ схӕцӕм уыцы адӕмы ныхмӕ, мах федтам, сӕ зӕхх куыд хорз у, уый. Цӕмӕ ма кӕсут? Фӕстиат мауал кӕнут, цомут, бацахсӕм сын сӕ зӕхх!