44 Фӕлӕ уыдон ныфсхастӕй хӕхтӕм фӕраст сты, Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Моисей та нӕ фенкъуыстысты рӕсӕнуатӕй.
Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона.
Уым разӕй — амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ, ӕмӕ сӕ кардылӕфтыд фӕуыдзыстут! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ Дунедарӕг нӕй уемӕ».
Фӕлӕ зонгӕ-зонын куы бакӕна тӕригъӕд ми адӕймаг, уӕд, бынӕттон цӕрӕг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый уымӕй Дунедарӕджы ӕфхӕры, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Моисей сӕ хӕстмӕ арвыста, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, сӕ разамонӕг — Пинхас, сауджын Елеазары фырт, йӕ къухы — уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕдисы сыкъауадындзтӕ, афтӕмӕй.
Ӕз уын дзырдтон, фӕлӕ нӕ байхъуыстат. Дунедарӕджы фӕндоны сӕрты ахызтыстут ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст стут.