Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 14:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Уым разӕй — амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ, ӕмӕ сӕ кардылӕфтыд фӕуыдзыстут! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ Дунедарӕг нӕй уемӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 14:43
14 Iomraidhean Croise  

Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Дӕ кадджын фӕсдзӕуинты ’хсӕн — паддзахы чызджытӕ, ус-паддзах офираг сыгъзӕрины фӕлыстӕй ӕрлӕууыди Дӕ фарсмӕ.


Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕм тыхджын сты, сӕ сахартӕ та стыр ӕмӕ бырухгӕд. Суанг ма дзы Анакы фӕдонтыл дӕр амбӕлдыстӕм.


Уыцы бӕсты дӕлвӕзтӕ амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгты цӕрӕнтӕ сты. Райсом уӕ ных саразут ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, уырдӕм».


Кӕд Дунедарӕг уемӕ нӕй, уӕд ма ацӕут — знӕгтӕ уӕ ныззыгуым кӕндзысты.


Фӕлӕ уыдон ныфсхастӕй хӕхтӕм фӕраст сты, Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Моисей та нӕ фенкъуыстысты рӕсӕнуатӕй.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой:


Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ бон нӕ баци фыдгулты ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ лидзӕг фесты знӕгтӕй. Ныр сӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фесты. Ӕлгъыстаг цы у, уый уе ’хсӕнӕй куынӕ фесафат, уӕд амӕй фӕстӕмӕ Ӕз нал уыдзынӕн уемӕ.


Далилӕ та ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон фехъал ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Ницы кӕны, ацы хатт дӕр та аирвӕздзынӕн». Нӕма зыдта, Дунедарӕг ӕй кӕй ныууагъта, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan