41 Моисей загъта: «Цӕуылнӕ хъусут Дунедарӕгмӕ? Хорзмӕ уын нӕ рауайдзӕн.
Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи».
уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц, Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц.
дӕ сӕрыл хӕцгӕ, лидздзынӕ Мысырӕй. Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтай, уыдонӕй Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта, ӕмӕ семӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзынӕ.
Уый Цедекиайы акӕндзӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым баззайдзӕн, цалынмӕ йӕм Ӕз не ’ркӕсон, уӕдмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Халдейӕгты ныхмӕ куы тох кӕнат, уӕд сыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“».
Уыцы бӕсты дӕлвӕзтӕ амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгты цӕрӕнтӕ сты. Райсом уӕ ных саразут ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, уырдӕм».
Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта, цӕмӕй уын фехъусын кӕнон: „Ма ацӕут. Ӕз уемӕ нӕ уыдзынӕн, ӕмӕ хӕцыныл ма ныллӕуут — уе знӕгтӕ уӕ ныппырх кӕндзысты“.
Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»