Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 14:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фендзӕн, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 14:23
12 Iomraidhean Croise  

Сӕ хъӕстӕ дӕр сын арвы стъалытау сбирӕ кодтай ӕмӕ, бацӕут ӕм ӕмӕ сымах бауыдзӕни, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, уыцы зӕхх сын радтай.


Наутӕ-иу арвы хъӕбысмӕ фехстой сӕхи, стӕй та-иу фурды ӕнӕбын арфы фестадысты; наудзогтӕн-иу сӕ уд атади фыр тӕссӕй.


Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;


Фӕлӕ уыцы адӕм Мӕ разы фыдракӕндтӕ куы фӕкӕнынц ӕмӕ Мӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд Мӕ фӕнд аивын, цы хорзӕх сын балӕвар кӕнынмӕ фӕхъавын, уый сын нал раттын.


Уымӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ сын расомы кодтон, кӕй сӕ нӕ акӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Се ’хсӕн, Моисей ӕмӕ сауджын Аарон Синайы ӕдзӕрӕг быдыры кӕй банымадтой, уыдонӕй иу дӕр нал уыди.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.


„Нӕ фендзысты, Мысырӕй чи рацыд, уыцы адӕм, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон, Ӕз Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ бакастысты.


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ уымӕн цӕуӕм уыцы ӕнцойадмӕ, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта: «Ӕз Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: уыдон Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау, дуне куы сфӕлдыста, уӕд арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan