Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 14:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Де стыр уарзты хатырӕй ныббар сӕ тӕригъӕд ацы адӕмӕн, Мысырӕй ардӕм сын абоны онг куыд барстай, афтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 14:19
23 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу сӕ уӕларвӕй фехъус, ныббар-иу Дӕ адӕмы, Израилы, тӕригъӕд ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздах сӕ зӕхмӕ, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уырдӕм!


Фыдбылызӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ Дыл ӕз иузӕрдион дӕн! Фервӕзын кӕн Дӕ лӕггадгӕнӕджы, уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ, мӕхи Дӕуыл фӕдзӕхсын!


Ныббар сын сӕ тӕригъӕд. Кӕд сын нӕ барыс, уӕд та Дӕ курын, ӕмӕ мӕ ном дӕр фесаф, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ. Ӕз дын зонын дӕ ном».


ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


О Дунедарӕг, фехъус нӕ, ныббар нын! Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Дӕхи сӕраппонд нын фехъус нӕ куывд! Дӕ ном куы хӕссынц Дӕ адӕм ӕмӕ Дӕ сахар!»


Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у».


Ӕз Ӕм скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Бауром ацы бӕллӕх! Куыд аирвӕздзӕн Йаков! Тынг гыццыл куы у».


Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта.


Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.


Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.


О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон, Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц. Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис! О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!


Фыдбылызӕй хызт у Йаков, бӕллӕхӕй тас нӕу Израилӕн. Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ ис, Паддзах Ӕй скодтой сӕхицӕн.


Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan