16 „Дунедарӕджы бон не сси ацы адӕмы, зӕрдӕ сын цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын, ӕмӕ сӕ уымӕн ныццагъта ӕдзӕрӕг быдыры“.
Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.
Уӕдӕ кад Дунедарӕджы хъомысӕн! Ды Дӕхӕдӕг куы загътай:
цӕмӕй, Дӕ хъомысы руаджы кӕцӕй раирвӕзтыстӕм, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕ ма зӕгъой: ‚Дунедарӕг сын зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын сӕ Йӕ бон не сси. Ӕнӕуынон Ын уыдысты, ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр уымӕн ракодта, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры амара‘.
Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам!
Ханаанӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕ ацы хабар фехъусдзысты ӕмӕ ныл ӕрхъула кӕндзысты, нӕ кой дӕр нын нал ныууадздзысты зӕххыл. Ӕмӕ уӕд Дӕ кадджын ном цӕсты бафтынӕй куыд бахиздзынӕ?»