10 Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм,
Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.
Куы ӕрбабон уа, уӕд та фендзыстут Дунедарӕджы кад. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фехъуыста, куыд Ыл бустӕ кодтат, уый. Мах та чи стӕм? Махыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл кӕнут бустӕ!»
Моисей сдзынӕзта Дунедарӕгмӕ: «Цы гӕнгӕ мын у ацы адӕмӕн? Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ мӕ дурты бын фӕкӕной!»
Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын.
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис.
Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.
Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры ’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста.
Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы раз сӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры.
Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы ӕмбырдӕй ныууагътой, Фембӕлды Цатыры размӕ ацыдысты ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Дунедарӕджы кад сӕм Йӕхи равдыста,
Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!
Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг».
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,