Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 14:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмхъӕлӕсӕй нырдиаг кодта дзыллӕ, адӕм сӕ кӕуынӕй нӕ банцадысты ӕнӕхъӕн ӕхсӕв.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 14:1
13 Iomraidhean Croise  

Йӕ ныхасӕй-иу уад сыстади, хӕрдмӕ-иу фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ.


Фараон израилӕгты куы рауагъта, уӕд сӕ Хуыцау филистимӕгты зӕххы уылты нӕ акодта, кӕд уыцы фӕндаг цыбырдӕр уыди, уӕддӕр. Загъта: «Хӕцын сӕ бахъӕудзӕн, уый куы феной, уӕд фӕфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты Мысырмӕ».


Адӕм уыцы тызмӕг ныхас куы фехъуыстой, уӕд ныккуыдтой ӕмӕ, хъынцъымгӕнгӕ, фӕлындӕнтӕ сӕ уӕлӕйӕ рафтыдтой.


Даны мыггагӕй — Аммиел, Гемалийы фырт;


Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.


Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам!


Фӕлӕ сымах уӕ бынатӕй фенкъуысын нӕ бафӕндыд, сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндоны ныхмӕ рацыдыстут.


Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтыстут, уӕд ма Дунедарӕджы раз бӕргӕ дзынӕзтат, фӕлӕ уӕм не ’рыхъуыста Дунедарӕг.


Дунедарӕг уӕ Кадеш-Барнеайӕ куы рарвыста, цӕут ӕмӕ уын цы бӕстӕ дӕттын, уый уӕхи бакӕнут, зӕгъгӕ, уӕд Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ бакастыстут, нӕ Йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтат.


Мемӕ сгарӕг чи ацыди, уыдон Израилы адӕмӕн сӕ ныфс асастой, ӕз та иузӕрдион уыдтӕн Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл.


Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрдиаг кодтой ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕ хъару басаст, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan