9 Ефремы мыггагӕй — Хошеа, Нуны фырт;
Бениамины мыггагӕй — Палти, Рафуйы фырт;
Иссахары мыггагӕй — Игал, Йосефы фырт;
Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»
фӕлӕ сӕ ма фӕтӕрсут. Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фараонӕн ӕмӕ ӕгас Мысырӕн цытӕ бакодта, уый,
Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис.