6 Симеоны мыггагӕй — Шафат, Хорийы фырт;
Иефоннейы байзӕддаг Калевы фырттӕ: Иру, Ела ӕмӕ Наам. Елайы фырт — Кеназ.
Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».
Номхуындӕй сты: Рувимы мыггагӕй — Шаммуа, Заккуры фырт;
Иудӕйы мыггагӕй — Калев, Иефоннейы фырт;
Фӕлӕ ӕндӕрхуызон у мӕ цагъар Калевы удысконд — уый Мыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, ӕмӕ йӕ Ӕз бакӕндзынӕн, амӕй размӕ цы бӕсты уыдис, уырдӕм. Йӕ байзӕддӕгты хай бауыдзӕн уыцы бӕстӕ!
Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ сымахӕй ничи бацӕудзӕн, уым уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уын ард кӕмӕй бахордтон, уыцы бӕстӕм.
Бӕстӕуынӕг чи ацыд, уыдонӕй ма удӕгасӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт.
Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.
Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт.