Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ Параны ӕдзӕрӕг быдырӕй Моисей разӕй лӕгтӕ арвыста, се ’ппӕт дӕр — израилӕгты фӕтӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 13:4
10 Iomraidhean Croise  

Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Израилӕн уыди дыууадӕс фырты: Рувим, Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар, Зевулон,


Мӕнӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты нӕмттӕ. Цӕгатаг арӕныл скӕсӕйнаг арӕнӕй ныгуылӕнӕрдӕм, Стыр денджызы онг, йӕхи айтыгъта Даны хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. Ауылты Дамаскы цӕгатаг арӕнӕй цӕуы фӕндаг Хетлонмӕ, Хаматмӕ ӕмӕ Хацар-Энанмӕ.


«Арвит лӕгтӕ, цӕмӕй ӕркӕсой Ханаанмӕ, израилӕгтӕн дӕттинаг кӕй дӕн, уыцы бӕстӕм. Алы мыггагӕй дӕр арвитут фӕйнӕ лӕджы, сӕ фӕтӕгты».


Номхуындӕй сты: Рувимы мыггагӕй — Шаммуа, Заккуры фырт;


Моисей уыцы бӕстӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ кӕй арвыста ӕмӕ йӕ, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, чи фаудта ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт дзыллӕйы Моисейы ныхмӕ чи скодта,


Цӕмӕн ардаут израилӕгты, цӕмӕй ма ацӕуой, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм?


Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт.


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan