Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 13:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 13:33
17 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.


Мӕрдтӕм барвыста фондз ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн уӕйыгӕнгӕс мысыраджы дӕр. Мысыраджы къухы уыди тынуафӕн хъилы йас арц, Бенайа та йӕ ныхмӕ лӕдзӕгимӕ рацыди, йӕ арц ын йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта.


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.


Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.


Ӕмхъӕлӕсӕй нырдиаг кодта дзыллӕ, адӕм сӕ кӕуынӕй нӕ банцадысты ӕнӕхъӕн ӕхсӕв.


Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.


Раздӕр уым емимӕгтӕ цардысты — Анакы фӕдонтау ӕнӕнымӕц ӕмӕ асӕй бӕрзонд адӕм.


Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.


нымӕцӕй дӕр ӕмӕ асӕй дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмы, Анакы байзӕддӕгты, зӕхх, уыдоны ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй дзырдӕуы.


Уыцы заман Йешуа Анакы байзӕддӕгты ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд ныккодта — Хеврон, Девир ӕмӕ Анавы сахарты, Иудӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт хӕхбӕсты. Ӕд сахартӕ сӕ фесӕфта, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодта.


Гъемӕ мын ратт, уыцы заман мын Дунедарӕг зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай: цӕрынц дзы Анакы байзӕддӕгтӕ, сӕ сахартӕ стыр сты, алырдыгӕй — бырутӕй ӕхгӕд. Чи зоны, ӕмӕ мын Дунедарӕг ахъаз бакӕна, ӕмӕ сӕ Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ уырдыгӕй фӕсурон».


Калев уырдыгӕй фӕсырдта Анакы байзӕддӕгты — Шешайы, Ахиманы ӕмӕ Талмайы мыггӕгты.


Израилӕгтӕ иууылдӕр, уыцы лӕджы фенгӕйӕ, фыр тӕссӕй лидзӕг фесты.


Филистимаг ӕй куы федта, уӕд ыл бабылысчъил, уымӕн ӕмӕ Давид уыдис ӕрыгон лӕппу, сырхуадул ӕмӕ рӕсугъд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan