32 Фӕлӕ, уырдӕм йемӕ цы лӕгтӕ ацыд, уыдон дзырдтой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ мах ницы бакӕндзыстӕм, уыдон махӕй тыхджындӕр сты!»
Иу ахӕм хӕст ма уыди Гаты дӕр. Уым иу уӕйыгӕнгӕс лӕг, уый дӕр Рафайы байзӕддӕгтӕй, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтыл — ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ, ӕдӕппӕтӕй — цыппар ӕмӕ ссӕдз ӕнгуылдзы,
Иу ахӕм хӕст ма уыди Гаты дӕр. Уым иу уӕйыгӕнгӕс лӕг, уый дӕр рефаимты байзӕддӕгтӕй, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтыл — ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ, ӕдӕппӕтӕй — цыппар ӕмӕ ссӕдз ӕнгуылдзы,
уыдон уыдтой Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Йӕ диссӕгтӕ доны арфы.
Ӕрбакӕндзынӕн уӕм Мӕ адӕм Израилы, ӕмӕ уын уыдон ӕлдариуӕг кӕндзысты. Сӕ исбон бауыдзыстут ӕмӕ сын сӕ зӕйц нал сафдзыстут.
Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй.
Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ.
Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.
Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.