Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 13:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 13:28
12 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ йӕ Рафайы байзӕддӕгтӕй иу, Ишби, зӕгъгӕ, йӕ арцы ӕрхуы бырынчъы уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы, йӕ астӕуыл — ног цирхъ, ныццӕвынмӕ хъавыд — хъуамӕ йӕ амардтаид.


Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.


Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.


Анакы байзӕддӕгтау ӕнӕнымӕц сты уыцы адӕм, асӕй — бӕрзонд; Дунедарӕг сӕ ныццагъта — аммонӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты.


Иууылдӕр уыдысты, сӕ алыварс бӕрзонд систӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ӕхгӕд сахартӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма басастам, бырутӕй ӕхгӕд чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм сахартӕ дӕр.


Израилы зӕххыл Анакы байзӕддӕгтӕй иу дӕр нал баззади. Сӕрӕгасӕй ма аирвӕзтысты ӕрмӕстдӕр Газӕ, Гат ӕмӕ Ашдоды сахарты.


Гъемӕ мын ратт, уыцы заман мын Дунедарӕг зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай: цӕрынц дзы Анакы байзӕддӕгтӕ, сӕ сахартӕ стыр сты, алырдыгӕй — бырутӕй ӕхгӕд. Чи зоны, ӕмӕ мын Дунедарӕг ахъаз бакӕна, ӕмӕ сӕ Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ уырдыгӕй фӕсурон».


Калев уырдыгӕй фӕсырдта Анакы байзӕддӕгты — Шешайы, Ахиманы ӕмӕ Талмайы мыггӕгты.


Калевӕн радтой Хеврон, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ йӕ Анакы ӕртӕ байзӕддагӕй байста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan