Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 13:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 13:27
22 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.


Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон:


Ӕмӕ сфӕнд кодтон: цагъары къӕлӕты бын кӕм удхар кӕнут, уыцы Мысырӕй уӕ акӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ“.


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Цӕугӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ. Ӕцӕг, Мӕхӕдӕг нӕ ацӕудзынӕн уемӕ, науӕд уӕ бабын кӕндзынӕн фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ хиваст адӕм стут».


Ӕмӕ уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, уӕ фыдӕлтӕн уын цы сомы ракодтон, уый, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары ӕмӕ абоны онг уӕ къухы чи ис, уыцы зӕхх сын ратдзынӕн, зӕгъгӕ“». Ӕз дзуапп радтон: «Аммен, Дунедарӕг!»


Сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, уый сын радтай.


Уымӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ сын расомы кодтон, кӕй сӕ нӕ акӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Уыцы бон сын Ӕз, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, Мысыры зӕххӕй сӕ кӕй ракӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн загътой: «Мах бӕрӕггӕнӕг цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый тынг бӕллиццаг у!


Кӕд нӕ Дунедарӕджы хорзӕх уа, уӕд нӕ уырдӕм бакӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн, йӕ сыджытӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕ.


Йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕй нӕ ракодтай, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры не сӕфт ссарӕм, ӕмӕ дын уый фаг нӕу? Ноджы ма дӕ махӕн хицау суӕвын дӕр фӕнды?


Кӕд нӕ, мыййаг, йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕм не ’рбакодтай ӕмӕ нын хуымгӕндтӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ нӕ радтай! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ адӕмыл цӕстытӕ нӕй? Нӕ дӕм бацӕудзыстӕм!»


цӕмӕй, Дунедарӕг кӕмӕй расомы кодта, уӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ йӕ сӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат.


Ӕрбакодта нӕ ацы ранмӕ ӕмӕ нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхх радта.


Фаллаг фарсмӕ куы бахизат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бацӕуыны охыл, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, уӕд-иу сыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыссут.


Сӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодтон, афтӕ сӕ Ӕз, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ӕххормаг цы у, уый куынӕуал зоной ӕмӕ сыл хуыз куы фӕхӕца, уӕд ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхдзысты ӕмӕ уыдонӕн лӕггад кӕндзысты, Мӕн та ферох кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.


Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan