Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 13:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 13:26
14 Iomraidhean Croise  

Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.


Дунедарӕг, Дӕ хӕрзаудӕн мыл ӕмбӕлди, ӕмӕ мӕ Ды сфидар кодтай хохау. Фӕлӕ мӕ ныр Де ’ргом аздӕхтай, ӕмӕ мыл катай бахӕцыд.


(Уыцы бынат схуыдтой Ешколы дӕлвӕз, израилӕгтӕ дзы сӕнӕфсиры цупал кӕй ракодтой, уый тыххӕй.)


«Арвит лӕгтӕ, цӕмӕй ӕркӕсой Ханаанмӕ, израилӕгтӕн дӕттинаг кӕй дӕн, уыцы бӕстӕм. Алы мыггагӕй дӕр арвитут фӕйнӕ лӕджы, сӕ фӕтӕгты».


Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.


Кадешӕй Моисей лӕгтӕ арвыста Едомы паддзахмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы де ’фсымӕр Израил: нӕ фыдӕбӕттӕ нын зоныс.


Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон.


Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой, Кадеш-Барнеайӕ сӕ, уыцы бӕстӕм ӕркӕсут, зӕгъгӕ, куы арвыстон, уӕд.


Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой.


Ецион-Геверӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цины ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ иннӕ ном — Кадеш.


Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм.


Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы ’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр,


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Гилгалы бацыдысты Йешуамӕ. Иефоннейы фырт кенизаг Калев ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Дунедарӕг Моисейӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн, Кадеш-Барнеайы мӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй цы дзырдта, уый.


Дунедарӕджы цагъар Моисей мӕн Кадеш-Барнеайӕ ацы бӕстӕ басгарынмӕ куы арвыста, уӕд мыл цыди дыууиссӕдз азы. Куы ӕрбаздӕхтӕн, уӕд ын хабӕрттӕ зӕрдӕбынӕй радзырдтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan