25 (Уыцы бынат схуыдтой Ешколы дӕлвӕз, израилӕгтӕ дзы сӕнӕфсиры цупал кӕй ракодтой, уый тыххӕй.)
Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.
Ешколы дӕлвӕзмӕ бафтыдысты ӕмӕ дзы сӕнӕфсиры къабуз ӕд цупал ракодтой ӕмӕ йӕ хъилыл дыууӕйӕ рахастой, ноджы ма — гранаттӕ ӕмӕ легъуитӕ.
Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.