22 Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.
Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
Амарди Кирйат-Арбайы (ома Хевроны), Ханааны зӕххыл. Авраам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл.
Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».
Давид Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн Хевроны паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.
ӕмӕ йӕ Рафайы байзӕддӕгтӕй иу, Ишби, зӕгъгӕ, йӕ арцы ӕрхуы бырынчъы уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы, йӕ астӕуыл — ног цирхъ, ныццӕвынмӕ хъавыд — хъуамӕ йӕ амардтаид.
О Дунедарӕг, нӕ сыхӕгтӕ Дын цы фидистӕ фӕкодтой, уыдон сӕм авд ахӕмӕй раздах!
Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Фараоны куырыхонтӕ, йӕ уынаффӕйы лӕгтӕ, ӕдылы уынаффӕтӕ кӕнынц. Чи ма уӕ бауӕнддзӕн фараонӕн йӕхи рагон куырыхон паддзӕхты байзӕддаг схонын?
Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Сӕхи сайынц Нофы барджынтӕ дӕр. Сӕ хистӕрты зондӕй Мысыры адӕм рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты.
Сӕ паддзахы барджынтӕ ныридӕгӕн Цоаны сахармӕ бахӕццӕ сты, сӕ минӕвӕрттӕ та — Ханесмӕ.
Уыдон сты, Моисей бӕстӕуынӕг кӕй арвыста, уыцы лӕгтӕ номхуындӕй. (Хошеайӕн та, Нуны фыртӕн, Моисей радта ном Йешуа.)
Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.
Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.
нымӕцӕй дӕр ӕмӕ асӕй дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмы, Анакы байзӕддӕгты, зӕхх, уыдоны ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй дзырдӕуы.
Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Еглонӕй ацыд Хевроны сахармӕ. Схӕцыдысты йӕ ныхмӕ
Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕн радтой ӕмбӕхсӕн сахар Хеврон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, стӕй Ливнӕйы сахар йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;
Хевроны цӕрӕг ханаанӕгтӕм бабырстой (раздӕр Хеврон Кирйат-Арба хуынди) ӕмӕ амардтой Шешай, Ахиман ӕмӕ Талмайы.
Хевронмӕ, стӕй ма, Давид-иу йӕ адӕмимӕ ноджыдӕр кӕмыты уыди, ӕппӕт уыцы рӕттӕм.