Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 13:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 13:21
15 Iomraidhean Croise  

Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


йӕхи та йын ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзахмӕ, Хаматы зӕхмӕ, Ривлайы сахармӕ. Уым ын паддзах Навуходоносор стӕрхон кодта.


Хамат, Берота, Дамаск ӕмӕ Хаматы ’хсӕн лӕууӕг сахар Сивраимыл бахиз Хавраны ӕмарӕн лӕууӕг сахар Хацер-Тихонмӕ.


Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр?


Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.


Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыстат Цины ӕдзӕрӕг быдыры, адӕм куы сызмӕстой, уӕд: цӕмӕй уыдон, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сӕхи цӕстӕй феной, уыцы суадоны был». (Уыцы суадон уыди Меривайы, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры.)


Ецион-Геверӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цины ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ иннӕ ном — Кадеш.


Оры хохӕй Хаматмӕ йӕхи айтындздзӕн ӕмӕ Цедады балӕудзӕн.


Уыдон араст кодтой, хӕхтӕм ссыдысты ӕмӕ Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты. Ӕркастысты йӕм.


Сымах Мыл Меривайы доны был, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры, кӕй фӕгуырысхо стут израилӕгты ’хсӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сын кӕй нӕ фенын кодтат, уый тыххӕй уын афтӕ нывгонд у.


стӕй Гевалы зӕхх ӕмӕ — скӕсӕнӕрдӕм — Ливан ӕнӕхъӕнӕй, Ермоны хохрӕбын Баал-Гадӕй Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй Хаматы сахарӕй бахизӕны онг.


Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕм цы зӕхх ӕрхауди халӕппӕрстӕй, уый Едомы ныгуылӕнвӕрсты цыди Цины ӕдзӕрӕг быдыры хуссайраг арӕны онг.


Лаишы цӕрджытӕм ӕххуысмӕ ничи фӕзынд, уымӕн ӕмӕ сидойнӕгтӕй дард цардысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты. Лаишы сахар ис Бет-Реховы тъӕпӕны. Даны байзӕддӕгтӕ йӕ ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan