2 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.
Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ӕрбамбырд Мӕм кӕн Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы — Израилы хистӕртӕ, йӕ раздзӕуджытӕ сты, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, ахӕм лӕгты. Фембӕлды Цатыры размӕ сӕ ӕрбахон, ӕмӕ ӕрлӕууӕнт уыцы ран демӕ.
Гады мыггагӕй — Геуел, Махийы фырт.
«Арвит лӕгтӕ, цӕмӕй ӕркӕсой Ханаанмӕ, израилӕгтӕн дӕттинаг кӕй дӕн, уыцы бӕстӕм. Алы мыггагӕй дӕр арвитут фӕйнӕ лӕджы, сӕ фӕтӕгты».
Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой, Кадеш-Барнеайӕ сӕ, уыцы бӕстӕм ӕркӕсут, зӕгъгӕ, куы арвыстон, уӕд.
Ӕмӕ ма ноджы фӕйнӕ иу фӕтӕджы снысан кӕнут алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр зӕхх адих кӕнынмӕ.
Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.
Дунедарӕг уӕ Кадеш-Барнеайӕ куы рарвыста, цӕут ӕмӕ уын цы бӕстӕ дӕттын, уый уӕхи бакӕнут, зӕгъгӕ, уӕд Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ бакастыстут, нӕ Йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтат.
Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй равзарут дыууадӕс лӕджы — алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр иу.