19 Ӕркӕсут уыцы зӕхмӕ, кӕддӕра цыхуызӕн у. Чи дзы цӕры, уыцы адӕм хъаруйӕ ӕххӕст сты ӕви нӕ, нымӕцӕй чысыл сты ӕви бирӕ?
ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.
Моисей сӕ Ханаанмӕ бӕстӕуынӕг куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Негевыл ацӕут ӕмӕ хӕхбӕстӕм ссӕут.
Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд?