17 Уыдон сты, Моисей бӕстӕуынӕг кӕй арвыста, уыцы лӕгтӕ номхуындӕй. (Хошеайӕн та, Нуны фыртӕн, Моисей радта ном Йешуа.)
Стӕй уырдыгӕй сыстад ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндаг хуссарӕрдӕм адардта.
Аврам Мысырӕй фӕстӕмӕ сыздӕхти Негевы ӕдзӕрӕг быдырмӕ — ӕд ус, ӕд исбон, Лот дӕр йемӕ, афтӕмӕй.
Цу ӕмӕ ӕрзил, цы зӕхх дын дӕттын, ууыл, йӕ дӕргъ ӕмӕ йын йӕ уӕрх фен».
Негевӕй араст ис дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ ис Вефилмӕ, раздӕр ын Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн цатыр кӕм уыди,
Шидимы дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудысты уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты хӕхтӕм.
Моисей сӕ Ханаанмӕ бӕстӕуынӕг куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Негевыл ацӕут ӕмӕ хӕхбӕстӕм ссӕут.
Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕм тыхджын сты, сӕ сахартӕ та стыр ӕмӕ бырухгӕд. Суанг ма дзы Анакы фӕдонтыл дӕр амбӕлдыстӕм.
Дыккаг бон сӕумӕйӕ фестадысты ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст сты ахӕм ныхӕстимӕ: «Дунедарӕг нын кӕдӕм загъта, уырдӕм ацӕудзыстӕм. Фӕтӕригъӕдджын стӕм».
Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой.
Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.
ӕмӕ Акрабимы хӕрдӕй хуссарӕрдӕм ацыди Цины ӕдзӕрӕг быдырыл, хуссарӕрдыгӕй схызти Кадеш-Барнеамӕ, стӕй, Хецроны сахарыл ахизгӕйӕ, схызти Аддармӕ, уырдыгӕй фӕзылди Каркамӕ,
Нуны фырт Йешуа Ситтимӕй дыууӕ сгарӕджы арвыста сусӕгӕй, бафӕдзӕхста сын: «Цӕут, фенут уыцы зӕхх, уӕлдайдӕр — Йерихон». Сгарджытӕ араст сты Йерихонмӕ ӕмӕ уым се ’хсӕв бахастой иу хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ.
Уый загъта: «Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, Негевы мын зӕххы хай радтай, ӕмӕ мын ӕххӕст донгуырӕнтӕ дӕр ратт». Ӕмӕ йын Калев уӕллаг ӕмӕ дӕллаг донгуырӕнтӕ радта.
Дунедарӕг уыди Иудӕйы фарс, ӕмӕ хӕхты цӕрӕг адӕмтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ дӕлвӕзы чи цард, уыдоны нӕ басастой, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди ӕфсӕн уӕрдӕттӕ.
Уый фӕстӕ хӕхты, Негев ӕмӕ Шефелайы чи цард, уыцы ханаанӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ ацыдысты.