1 Уый фӕстӕ адардтой сӕ фӕндаг Хацеротӕй ӕмӕ уал Параны ӕдзӕрӕг быдыры ӕрлӕууыдысты.
Иууылбӕрзондӕн Йӕ дӕлбазыр чи цӕры, уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой.
Даны мыггагӕй — Аммиел, Гемалийы фырт;
«Мӕнӕ, бӕстӕ уын чи хӕйттӕ кӕндзӕн, уыцы лӕгты нӕмттӕ: сауджын Елеазар ӕмӕ Йешуа, Нуны фырт.
Ӕмӕ ма ноджы фӕйнӕ иу фӕтӕджы снысан кӕнут алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр зӕхх адих кӕнынмӕ.
Фӕлӕ мӕм сымах ӕрбацыдыстут ӕмӕ загътат: „Нӕ разӕй сгарджытӕ арвитӕм, цӕмӕй уыдон бӕстӕм ӕркӕсой ӕмӕ нын радзурой, цы фӕндӕгтыл нын цӕугӕ у ӕмӕ цы сахартӕм бацӕудзыстӕм, уыдоны тыххӕй“.
Уыцы фӕнд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнӕй дыууадӕс лӕджы равзӕрстон, алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ иуы.
Дунедарӕг уӕ Кадеш-Барнеайӕ куы рарвыста, цӕут ӕмӕ уын цы бӕстӕ дӕттын, уый уӕхи бакӕнут, зӕгъгӕ, уӕд Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ бакастыстут, нӕ Йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтат.
Дунедарӕджы цагъар Моисей мӕн Кадеш-Барнеайӕ ацы бӕстӕ басгарынмӕ куы арвыста, уӕд мыл цыди дыууиссӕдз азы. Куы ӕрбаздӕхтӕн, уӕд ын хабӕрттӕ зӕрдӕбынӕй радзырдтон.
Нуны фырт Йешуа Ситтимӕй дыууӕ сгарӕджы арвыста сусӕгӕй, бафӕдзӕхста сын: «Цӕут, фенут уыцы зӕхх, уӕлдайдӕр — Йерихон». Сгарджытӕ араст сты Йерихонмӕ ӕмӕ уым се ’хсӕв бахастой иу хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ.