Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 12:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 ӕмӕ сӕм раргом ис Дунедарӕг мигъы цӕджындзы, Цатыры бахизӕны ныллӕууыд ӕмӕ басидт Йӕхимӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ. Куы Йӕм бахӕстӕг сты, уӕд

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 12:5
6 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы мидӕг, цӕмӕй адӕм фехъусой, демӕ куыд дзурын, уый ӕмӕ дыл амӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндой». Моисей Дунедарӕгӕн адӕмы дзуапп куы рафӕзмыдта,


Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном.


Боныгон Цатыры сӕрмӕ лӕууыди Дунедарӕджы ӕврагъ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы мидӕг сыгъди арт, ӕмӕ йӕ уыдтой ӕппӕт израилӕгтӕ дӕр. Афтӕ уыд алы хатт дӕр, израилӕгтӕ-иу фӕндагыл куы уыдысты, уӕд.


Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг ӕваст Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамӕн: «Цӕугӕут-ма ӕртӕйӕ дӕр Фембӕлды Цатырмӕ». Ацыдысты се ’ртӕ дӕр,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan