15 Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде фӕкодтой Мариамы авд боны ӕмгъуыдмӕ. Йе ’рбаздӕхынмӕ израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл нӕ ацыдысты.
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.
Хъизӕмар нын бавзарын кодта, фӕлӕ та ныббардзӕнис: ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх!
Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.
Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.
О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон, Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц. Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис! О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!