13 Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»
Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын.
Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.
Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи — нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн мыггагмӕ! Равдис Дӕ рӕстдзинад, фервӕзын мӕ кӕн!
Мӕ цӕссыгтӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй цӕхсын мӕхи, ӕрвылбон хъусын: «Кӕм ис дӕ Хуыцау?»
Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».
«Ногӕй йӕ дӕ роны акӕн», — загъта та йын Дунедарӕг. Моисей ногӕй йӕ къух йӕ роны акодта. Куы йӕ райста, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хуыз райста.
Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.
О Дунедарӕг, сдзӕбӕх мӕ кӕн, ӕмӕ ӕнӕниз суыдзынӕн; фервӕзын мӕ кӕн, ӕмӕ фервӕздзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕу стауын!
Адӕм Моисейӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой; Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ арт ахуыссыд.
Ма ’руадз уый, цӕмӕй Мариам, йӕ мады гуыбынӕй ӕрдӕгӕмбыдӕй чи рацӕуы, уыцы мардӕйгуырд сабийы хуызӕн суа».
Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам!
Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!»
Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, уе ’фхӕрджыты тыххӕй кувут.
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Фыдӕхӕн сӕттын ма баком, фӕлӕ йыл, хорздзинад кӕнгӕйӕ, уӕлахиз кӕн.
Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.
Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.
«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.