Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 12:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕврагъ Цатырӕй адард ис, Мариамы буар та хъотырӕй митау урс адардта. Аарон бакасти Мариаммӕ ӕмӕ федта, къахӕй сӕрмӕ йыл хъотыр кӕй ис, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 12:10
13 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг.


Уӕдӕ Нееманы хъотырниз дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддагыл бахӕцӕд мыггагмӕ!» Ӕмӕ Гиези куыддӕр феддӕдуар, афтӕ йӕ буар иууылдӕр урс адардта хъотырӕй.


Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?


Дунедарӕг ма ноджы загъта: «Дӕ къух дӕ роны акӕн». Моисей йӕ къух йӕ роны акодта. Фӕстӕмӕ йӕ куы райста, уӕд къух хъотырӕй митау урс фестад.


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.


Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мариамӕн цы бакодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan