7 Маннӕ у хъонтхорайы мыггаджы ӕнгӕс, хуызӕй — хӕрздӕфгӕнаг хус чъиуы хуызӕн.
Уыцы зӕххӕн йӕ сыгъзӕрины хъӕд хорз у, ноджы ма дзы ис хӕрздӕфгӕнӕн чъиу бдолах ӕмӕ зынаргъ дур оникс.
уӕд сын Моисейы ныхас уыди: «Уый тыххӕй Дунедарӕг дзырдта. Райсом ӕнцойбон у, Дунедарӕджы уаз сабат. Цы фыцинаг стут, уый абон сфыцут, уӕ хӕринагӕй ма цы баззайа, уый та райсоммӕ бавӕрут».
Израилы адӕм уыцы хойраг схуыдтой маннӕ. Уыди хъонтхорайы нӕмыджы хуызӕн, урс, мыдамӕстыты ад кодта.
Адӕм цыдысты ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой, ӕрмгуырӕйтты йӕ ссадтой, нурыхойӕнты йӕ хостой, афтӕмӕй йӕ аджы фыхтой, гуылтӕ дзы кодтой, ӕмӕ сын сойыфыхы ад уыди.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.