Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 11:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Йешуа, Нуны фырт, йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ Моисейы ӕххуысгӕнӕг чи уыд, уый фӕхъӕр кодта: «Моисей, мӕ бардар, бауром сӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 11:28
9 Iomraidhean Croise  

уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.


Моисей Йешуайӕн загъта: «Равзар, амалекӕгты ныхмӕ кӕимӕ ралӕууай, ахӕм лӕгтӕ. Ӕз та райсом, Хуыцауы лӕдзӕг мӕ къухы, афтӕмӕй къуыбырыл ӕрлӕудзынӕн».


Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.


Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.


Ӕрбазгъордта лӕггадгӕнӕг ӕмӕ фехъусын кодта Моисейӕн: «Елдад ӕмӕ Медад рӕсӕнуаты пехуымпариуӕг кӕнынц!»


Уӕд бацыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы фаллаг фарс демӕ Чи уыдис ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы донӕй, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».


Дунедарӕджы цагъар Моисей куы амарди, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕгӕн, Дунедарӕг загъта:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan