Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 11:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 11:25
28 Iomraidhean Croise  

Йерихоны пехуымпартӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Илийайы монӕй схайджын ис Елисей». Йӕ размӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.


Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Ныббар сын сӕ тӕригъӕд. Кӕд сын нӕ барыс, уӕд та Дӕ курын, ӕмӕ мӕ ном дӕр фесаф, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй».


Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном.


Боныгон Цатыры сӕрмӕ лӕууыди Дунедарӕджы ӕврагъ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы мидӕг сыгъди арт, ӕмӕ йӕ уыдтой ӕппӕт израилӕгтӕ дӕр. Афтӕ уыд алы хатт дӕр, израилӕгтӕ-иу фӕндагыл куы уыдысты, уӕд.


Махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ, Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам: «Денджызы хуылфӕй нӕ Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта, Уый цы фӕцис? Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта,


Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


ӕмӕ сӕм раргом ис Дунедарӕг мигъы цӕджындзы, Цатыры бахизӕны ныллӕууыд ӕмӕ басидт Йӕхимӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ. Куы Йӕм бахӕстӕг сты, уӕд


Моисей, йӕ фӕстӕ Израилы хистӕртӕ, афтӕмӕй араст ис Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕм


Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Райс дӕхимӕ Нуны фырт Йешуайы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр.


Уыдонӕй иу, йӕ ном — Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн ӕххормаг заман. Йӕ рагуац сӕххӕст кесӕр Клавдийы заманы.


Пехуымпар хъуамӕ йӕ удӕн фӕтк дӕттын зона,


Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.


Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan