Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 11:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Лыстӕг фос ӕмӕ нӕм стуртӕй цы ис, уыдон иууылдӕр куы аргӕвдӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты! Кӕсаджы мыггагӕй денджызы цы ис, уыдон иууылдӕр куы ӕрцахсӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 11:22
11 Iomraidhean Croise  

Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Ӕппӕт ацы адӕмӕн ӕз дзидза кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон, куы кӕуынц ӕмӕ мӕ дзидза куы агурынц, уӕд?


Моисей загъта: «Ам, мемӕ, фистӕг хӕстонтӕ ӕхсӕзсӕдӕ мины ис, Ды та афтӕ зӕгъыс, мӕйваг сын фыдызгъӕл ратдзынӕн, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!»


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»


Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон Ын загътой: «Уӕд та мах ацӕуиккам ӕмӕ ацы адӕмы бафсадынӕн иу-дыууӕсӕдӕ динары аргъ дзул балхӕниккам?»


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзул чи самал кӕндзӕн?»


Захариа бафарста Зӕды: «Ӕз ууыл куыд хъуамӕ баууӕндон, кӕд ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр зӕронд дӕн, стӕй мӕ ус дӕр зӕронд у, уӕд?»


Мариа бафарста Зӕды: «Ӕз нырма моймӕдзыд куы нӕ дӕн, уӕд уымӕн уӕвӕн куыд ис?»


«Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у уый бӕрц адӕмӕн?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan