Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Адӕм Моисейӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой; Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ арт ахуыссыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 11:2
23 Iomraidhean Croise  

Денджызы наутыл балцы чи ацыд, ӕгӕрон фурды уылӕнтыл йӕ куыст чи кодта,


Моисей рацыди фараоны галуанӕй ӕмӕ скуывта Дунедарӕгмӕ.


ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»


Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ.


пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.


Ӕмӕ Аарон загъта Моисейӕн: «Мӕ хицау! Ма нӕ бафхӕр — не ’нӕзондӕй бацыдыстӕм тӕригъӕды.


Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»


Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,


Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Бардарӕгмӕ, ӕмӕ, цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».


Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.


Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.


Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan