19 Иу бон, дыууӕ боны, фондз, дӕс кӕнӕ ссӕдз боны йӕ нӕ хӕрдзыстут,
Адӕмӕн та зӕгъ, цӕмӕй райсоммӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ дзидза хӕрынмӕ цӕттӕ уой. Дунедарӕгмӕ, зӕгъ, дзынӕзтат, фыдызгъӕл домдтат, Мысыры уын хуыздӕр уыди, дзырдтат. Уӕдӕ уын Дунедарӕг фыдызгъӕл ратдзӕни ӕмӕ дзы уӕхи бафсаддзыстут.
фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ хъӕлӕсӕй кӕлын байдайа ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын райдайат, уӕдмӕ! Уый уын, уе ’хсӕн Чи ис, Уыцы Дунедарӕгыл уӕхи кӕй атигъ кодтат, Йӕ разы кӕй дзынӕзтат ӕмӕ, Мысырӕй цӕмӕн рацыдыстӕм, зӕгъгӕ, кӕй хъуыр-хъуыр кодтат, уый тыххӕй».