13 Ӕппӕт ацы адӕмӕн ӕз дзидза кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон, куы кӕуынц ӕмӕ мӕ дзидза куы агурынц, уӕд?
Уый бадис кодта: «Сӕдӕ лӕджы бафсадынӕн уый цы у?» Елисей та йын зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой! Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, бафсӕддзысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууадздзысты».
Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».
фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ хъӕлӕсӕй кӕлын байдайа ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын райдайат, уӕдмӕ! Уый уын, уе ’хсӕн Чи ис, Уыцы Дунедарӕгыл уӕхи кӕй атигъ кодтат, Йӕ разы кӕй дзынӕзтат ӕмӕ, Мысырӕй цӕмӕн рацыдыстӕм, зӕгъгӕ, кӕй хъуыр-хъуыр кодтат, уый тыххӕй».
Моисей загъта: «Ам, мемӕ, фистӕг хӕстонтӕ ӕхсӕзсӕдӕ мины ис, Ды та афтӕ зӕгъыс, мӕйваг сын фыдызгъӕл ратдзынӕн, зӕгъгӕ.
Лыстӕг фос ӕмӕ нӕм стуртӕй цы ис, уыдон иууылдӕр куы аргӕвдӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты! Кӕсаджы мыггагӕй денджызы цы ис, уыдон иууылдӕр куы ӕрцахсӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты!»
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзул чи самал кӕндзӕн?»
Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Чи ӕууӕнды, уымӕн йӕ бон алцыдӕр у».