10 Фехъуыста Моисей, адӕмӕй алчи йӕ бинонтимӕ йӕ цатыры бахизӕны раз кӕй кӕуы, уый. Рафыхти сӕм Дунедарӕджы маст, ӕмӕ бамӕгуыр ис Моисейы зӕрдӕ.
Йӕ ныхасӕй-иу уад сыстади, хӕрдмӕ-иу фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ.
Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.
Дӕхи аххосӕй, цы зӕххы хай дын радтон, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕйы дӕ Ӕз де знӕгтӕн цагъайраг скӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕнусмӕ дӕр нӕ ахуысдзӕн».
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Загъта Дунедарӕгӕн: «Дӕ цагъары цӕуыл удхарӕй марыс, цы ракодта? Ӕппӕт ацы адӕмы мын ме ’ккой цӕмӕн сӕвӕрдтай?
Ӕхсӕвы ӕртӕхимӕ-иу фӕзынди маннӕ дӕр.
Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд.
Дунедарӕджы маст сӕм рафыхт, ӕмӕ Йӕхи уырдыгӕй айста.
Адӕм дард ацыдысты Корах, Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕй. Датан ӕмӕ Авирам та сӕ цатырты раз лӕугӕйӕ баззадысты сӕ устытӕ, сӕ цот, се ’нахъом сабитимӕ.
Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».
Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.
Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.
Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.