7 Ӕмбырдмӕ сидгӕйӕ дӕр сыкъауадындзтӕй уасгӕ у, ӕрмӕст хуымӕтӕджы уаст.
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, уасӕнт сыкъауадындзтӕй; уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.