35 Фидыды Чырын-иу куы фезмӕлыди, уӕд-иу Моисей загъта: «Раст, Дунедарӕг! Ныххӕлиу уӕнт Де знӕгтӕ, Дӕ разӕй лидзӕнт Дӕ фыдгултӕ!»
Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!
Ӕнусмӕ нӕ уыдзӕн рохуаты мӕгуыр лӕг, мӕгуыр лӕджы ныфс мыггагмӕ сӕфт нӕу.
Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.
Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.
Йӕхи Йыл чи тигъ кӕны, уыдонӕн аккаг фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн — се ’ппӕтыл дӕр ӕвӕстиатӕй Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдзӕн.
Адӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕртӕ загътой: «Дунедарӕг нӕ абон филистимӕгты къухӕй цӕмӕн ныддӕрӕн кодта? Цӕй ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын рахӕссӕм Силомӕй, цӕмӕй Уый немӕ уа ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕна не знӕгтӕй».