31 Моисей йын загъта: «Ма нӕ ныууадз! Ды ӕдзӕрӕг быдыры, рӕсӕнуатӕн чи бӕззы, ахӕм бынӕттӕ хорз зоныс ӕмӕ нын фӕндаг бацамон.
Куырмӕн уыдтӕн цӕстытау, къӕхты бӕсты — къуылыхӕн;
Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.
Немӕ куы ацӕуай, уӕд дӕу дӕр, Дунедарӕгӕй нӕ цы хорзӕх уа, уымӕй схайджын кӕндзыстӕм».
Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут.