3 Дыууӕ уадындзы уастмӕ дӕм ӕгас дзыллӕ дӕр хъуамӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбалӕууа,
Фехъусын кӕнут Иудейы, расидут Йерусалимы! Ӕгас бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут, хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнут: „Цомут ӕмӕ бырухгӕд сахартӕм алидзӕм!“
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.