Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ ӕвзист сыкъауадындзы, ӕмӕ дын ахъаз уыдзысты дзыллӕмӕ фӕсидынӕн ӕмӕ рӕсӕнуӕттӕ сӕ бынатӕй фенкъуысын кӕнынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 10:2
14 Iomraidhean Croise  

Ӕрмӕст Кувӕндонӕн конд не ’рцыди ӕвзист тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, къустӕ, сыкъауадындзтӕ, стӕй алы ӕндӕр сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ.


Ам уыдысты Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕ, левиттӕ, иууылдӕр: Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеман сӕ фырттӕ ӕмӕ се ’рвадӕлтимӕ — лыстӕг гӕнӕй уафт дарӕсты. Се ’мдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, сӕ дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ сӕ хъисфӕндыртимӕ лӕууыдысты нывондхӕссӕны скӕсӕйнаг фарс. Ӕхсӕзыссӕдз сауджыны семӕ лӕууыдысты ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой.


Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕстаг тӕрхон хӕссут!


Цал боны ӕмӕ нӕ цал азы ӕфхӕрдтай, уыдоны ныхмӕ нын циндзинад ратт,


Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.


Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацӕгъд цырагъдарӕн, йе ’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй куыд уой, афтӕ.


Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ, Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй. Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат — уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ.


Фехъусын кӕнут Иудейы, расидут Йерусалимы! Ӕгас бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут, хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнут: „Цомут ӕмӕ бырухгӕд сахартӕм алидзӕм!“


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


Комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. Ацы бӕстӕйы хистӕрты ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзары ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ кувут хъӕрӕй!»


Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Ӕмбырдмӕ сидгӕйӕ дӕр сыкъауадындзтӕй уасгӕ у, ӕрмӕст хуымӕтӕджы уаст.


Иу у Бардарӕг, иу — уырнындзинад, иу — аргъуыд;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan