Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 1:51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

51 Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 1:51
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы ран ӕрцавта; Узза мардӕй ӕрхауди Хуыцауы Фидыды Чырыны раз.


Дыккаг азӕн йӕ дыккаг мӕйы ссӕдзӕм бон мигъ йӕхи систа Фембӕлды Цатырӕй,


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.


Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕнмӕ чидӕриддӕр хӕстӕг бацӕуа, уый амӕлдзӕн! Ау, не ’ппӕт дӕр хъуамӕ бабын уӕм?»


Кӕцы лӕдзӕг равзарон, уый цъӕх адардзӕн — Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй израилӕгтӕ уӕ ныхмӕ мауал змӕнтой».


Израилӕгтӕ та Фембӕлды Цатырмӕ хъуамӕ хӕстӕг ма цӕуой, науӕд фӕтӕригъӕдджын уыдзысты ӕмӕ амӕлдзысты.


Ӕххуыс дын кӕнӕнт ӕмӕ Фембӕлды Цатыры кусӕнт, фӕлӕ уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма цӕуӕнт, науӕд уыдон дӕр амӕлдзысты ӕмӕ сымах дӕр.


Демӕ дзуапп дӕттӕнт Фембӕлды Цатыры тыххӕй, алы куыст дӕр сӕ бӕрны уӕд. Фӕлӕ уӕм ӕндӕр исчи хъуамӕ хӕстӕг ма цӕуа:


Ды ӕмӕ дӕ фырттӕ та хъуамӕ сауджынлӕггад кӕнат нывондхӕссӕны уӕлхъус ӕмӕ мидӕмбӕрзӕны фале. Ӕз уын аккаг кӕнын сауджынлӕггад. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр исчи хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕй амарын хъӕуы».


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».


Цатыры раззаг фарс та, Цатырӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моисей ӕмӕ Ааронӕн йӕ фырттимӕ лӕугӕ у. Израилӕгтӕн се ’ппӕты бӕсты Уаз Цӕрӕны уыдон лӕггад кӕнынц. Уаз Цӕрӕнмӕ ӕндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan