46 уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.
Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.
Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
Дӕ байзӕддӕгты дын тынг сбирӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысдзӕни адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр.
уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!
Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.
Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Йоав адӕмы сфысты хыгъд паддзахмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди астсӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — фондзсӕдӕ мины.
Иудей ӕмӕ Израилы адӕм, денджызы змисау ӕнӕнымӕц, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой.
Йоав ӕмӕ адӕмы сфысты хыгъд Давидмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди милуан ӕмӕ сӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — цыппарсӕдӕ ӕвдай мины.
Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.
Рамсесӕй Суккотмӕ фистӕгӕй чи араст ис, уыдон, сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц.
Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.
Хӕдзарвӕндаггай фыст чи ӕрцыд, Израилы уыцы хӕстхъомтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, ӕдӕппӕтӕй
Моисей загъта: «Ам, мемӕ, фистӕг хӕстонтӕ ӕхсӕзсӕдӕ мины ис, Ды та афтӕ зӕгъыс, мӕйваг сын фыдызгъӕл ратдзынӕн, зӕгъгӕ.
Ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты уӕ мӕрдтӕ — ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕрты номхыгъды чи ис, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ, Мӕныл чи хъуыр-хъуыр кодта, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ!
Уый — хӕдзарвӕндаггай израилӕгты сфыстмӕ чи бахауд, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй се ’фсады, алы къорд дӕр хынцгӕйӕ, уыдис ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.
Йаковы байзӕддагӕн змисӕй уӕлдай банымайӕн нӕй, рыджы муртау ӕнӕнымӕц сты израилӕгтӕ. Уадз ӕмӕ ӕз рӕстгӕнджыты мӕлӕтӕй амӕлон, раст адӕймаджы царды кӕронау уӕд мӕ мӕлӕты бон!»
Израилӕгтӕй нымад чи ӕрцыд, уыдоны нымӕц — ӕхсӕсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын.
Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.